"Хæссынц стыр хайбавæрд законад фидар кæнынмæ". Президент прокуратурæйы кусджыты тыххæй

© Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта прокуратурæйы кусджытæн профессионалон бæрæгбоны цытæн æмæ банысан кодта, уыдон кæй сты фыдыбæстæйон барадхъахъхъæнæг системæйы ахсджиаг бындур.
"Прокуратурæйы кусджытæ æххæст кæнынц цæстдардон æмæ барадхъахъхъæнæг функцитæ алыхуызон фадгуыты, хæссынц стыр хайбавæрд законад, барадон фæтк æмæ стабилондзинад сфидар кæнынмæ", - дзырдæуы арфæйы телы, кæцы мыхуыргонд æрцыд президенты сайтыл.
Гаглойты Алан уæлдай бузныг загъта ветерантæн, кæцытæ бавæрдтой службæйы хуыздæр традицитæ æмæ фæлтæрддзинад, æмæ йæ дæттынц кусджыты ног фæлтæрæн.
Гаглойты Аланы цæст бауарзта прокуратурæйы кусджытæн фидар æнæниздзинад æмæ дарддæры æнтыстытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0