Нывæндæм 18 объекты реализаци: Хуссар Иры арæзтады министр 2023 азмæ нывæстыты тыххæй

© Sputnik / Олег РепуховАрæзтад Хуссар Иры
Арæзтад Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 янв – Sputnik. Ног æртæазон Инвестпрограммæйы фæлгæтты 2023 азы нывæндынц среализаци кæнын капиталон арæзтады 18 объекты. Уый тыххæй Sputnik загъта Хуссар Ирыстоны арæзтад, архитектурæ æмæ ЦКХ министр Зæгъойты Эдуард.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, 18 объектæй 14 хъуамæ фæуой æмæ радтой эксплуатацимæ 2023 азы кæронмæ.
"Капиталон арæзтады 18 объектæй, кæцытæ мах нывæндæм среализаци кæнын ацы аз, фондз сты ивгъуыд азы нывæстæй. Уыдоны арæзтад дарддæр цæуы. Уыцы объектты æхсæн: Эрцъо-Синагур фæндаг, Цхинвалы 13 Коммунары уынгыл хид, сывæллæтты лагерь Дзауы поселочы æмæ 18-фатерон цæрæн хæдзар Знауыры поселочы. Ацы фондз мадзалæй дарддæр, мах нывæндæм среализаци кæнын ноджы фараст æндæр объекты – Цхинвалы фараст уынджы хæрзарæзтад, Едыс-Цхинвал доны хæтæлы реконструкци, ЦАРЗ-ы микрорайоны сабидоны арæзтад, Харебаты Исахъы уынгыл зæронд бæстыхайы демонтаж æмæ ног бирæфатерон хæдзары арæзтад, афтæ ма электроэнергийы хыгъды гарзæгты æвæрд. Ацы объектты фæдыл иууылдæр бафыстæуыд бадзырдтæ проектон организацитимæ. Марты æмбисмæ мах нывæндæм райсын проектон документаци æмæ рацæуын экспертизæ Уæрæсейы паддзахадон экспертизæйы органты", - радзырдта министр.
Зæгъойты Эдуард ма банысан кодта, ацы аз кæй уыдзæн ног æртæазон инвестицион программæйы райдайæн 2023-2025 азтæм.
"Ацы программæ арæзт æрцыд республикæйы æххæстгæнæг хицауады органты хъæппæрисæй, æмæ йæ сфидар кодтой Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдарты скъуыддзагæй. Йæ финанскæнынады иумæйаг бæрцуат у 3,5 миллиард сомæй фылдæр. Программæйы ис 46 мадзалы реализаци, сæ нымæцы капиталон арæзтады 44 объекты", - загъта Зæгъойты Эдуард.
Ног хабӕртты лентӕ
0