Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

22. БАРСÆГ ÆМÆ ХÆСАНÆ

22. БАРСÆГ ÆМÆ ХÆСАНÆ
Рафыссын
Рудзынгæй уатмæ мæйы фæлурс тын фатæлвæстæй æрбалæбурдта, ацахста къонайы сæрмæ æхсæвы тар æмæ йемæ мæлæтдзаг тохы бацыд.
Раджы ахуыссыдысты къонайы зынджытæ æмæ сæ фæлурс æртхутæг, рагуалдзæджы чырсау, фæныкыл æрбадти.
Æрдæгæхсæвæй ахызт, фæлæ хуыссæнты хъуырдухæнæй бæрæг у, бинонтæй фынæй кæй ничи кæны, уый.
Æмбары йæ фыртты утæхсæн Хъызмыдæ æмæ йæ зæрдæ фæрчытæ хауы. Сæ мæгуыр, хъæрмуд цард арвистон фестад. Ацал-ауал азы йæ фырттæй цы хабар æмбæхста, уый кæйдæр æбуалгь æвзаг ралæхурдта.
Фырттæ зæрдæдзæф фесты. Æцæг, мадæн ницы загьтой. Дысон, куыддæр чындзæхсæвæй æрыздæхтысты, афтæ уæттæ æрцагуырдтой. Нæ сæ бафарста Хъызмыдæ: цы кæнут? Фехъуыста йæхæдæг Хъуынцелы фидис.
Æнхъæл уыд, бафынæй уыдзысты æмæ сæ мæт ферох уыдзæн, фæлæ марадз зæгъ. Уæртæ хуыссæнты сæ мæты хуыдымы сæхи найынц. Æмбары йæ Хъызмыдæ, лæппутæ сæ мады бафæрсын æфсæрмы кæй кæнынц.
Рæстдзинад та сæ базонын фæнды. Æмæ йын æнæ радзургæ нал ис.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0