Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

23. СОЛЫМ

Рафыссын
Зонд æмæ хинæй æрæвнæлдта Солым йæ зæрдæйы сусæг фæндийæгтæ æххæст кæнынмæ. Уæртæ сын Урсдоны фаллаг фарс фыдæй цы зæххытæ баззад, уыдон фæстаг азты куыст кæй нæ уал цыдысты, уымæ гæсгæ къутæртæ æмæ дурты бын фесты. Бирæ хæттыты хъæуы мæгуыр, зæхцух адæм куырдтой Доттийæ, цæмæй сын уыцы зæххытæ хаццоныл радта, фæлæ сæ Дотти кой дæр дæр. Æнæнхъæлæдæы йыл Чъребайы фембæлд. Куыд æй бауарзта, куыд ын бакуымдта, фыдæн кæмæн бæззы, уыцы зæды хуызæн сылгоймаг, уый дис кæсы Доттийæн йæхимæ дæр. Зæрырдæм лæдæы риуы æнахуыр уарзт райхъал, йæ карз, хъæбæр зæрдæ æрфæлмæн æмæ Ацырухсы ныхасыл "нæ" зæгъын йæ бон ницæмæй у. Афтæмæй ус хæдзары хицауыл æддæмæ хæцын рæйдыдта. Уæд лæг карзæй ныффæдзæхста йæ фырты:
— Ацы сылгоймадæы зæрдæйы хъыджы мисхалы бæрц дæр куы бацæуай, уæд дæ, дæ мад куыд ныййардта, ахæм хуызы феддæдуар кæндзынæн.
Æнæуый дæр хъæбæрзæрдæ уыд фыд йæ фыртмæ, фæлæ йыл ныр Ацырухсы фæзынды фæстæ бынтондæр уæлæхох райдыдта.
Бамбæрста йе ’намонд Солым: радæы уа, æви æрæдæы, йæ фыд йæ ныхас кæй баххæст кæндзæн.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0