Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

24. АЦЫРУХСЫ ХЪЫСМÆТ

24. АЦЫРУХСЫ ХЪЫСМÆТ
Рафыссын
Уасджытæ раджы ныууасыдысты, фæлæ Ацырухсы цæстытыл хуыссæджы цъынд нæ хæцы. "Мæ сæрæн нæ дæн" — зæгъгæ, сæфсон кодта дысон йæ лæгæн æмæ йæхицæн уат бакодта æндæр ран. Дотти къуымгæрон хуыссы æмæ йын, цыма, чидæр йæ хурхы кард нытътъыста, уыйау, йæ хуыррыттæй цары сæгтæ згъæлынц, æндæр хатт ахæм хуыррытт нæ ныббыхстаид йæ лæгæн, фæлæ йæ ацы хатт, цыма æппындæр нæ хъусы, уыйау мурмæ дæр нæ дары.
Æгæр уæззау сагъæстæ сбырстой ацы ’хсæв сылгоймаджы... Сагъæстæ та афтæ нылхынцъытæ сты æмæ ма сæ тыххæйты иугай кæрæдзи фæдыл халы...
... Елойты æлдар Дзанхоты чызг Агуындæ, æнæнхъæлæджы йæ чындзæхсæвы фæстæ, æхсæвы куы фæтары æмæ йæ дыккаг бон фæдисæттæ Хæйрæджыты айнæджы бын, цады, йæ къаба æмæ йæ кæлмæрзæн куы ссардтой, уæд æлдар бæсты цъар дæндагæй хордта. Чызг йæ мойаджы кæй фæсайдта, йæ цурæй кæй рахъуызыд, уый æлдар фæкодта лæггадгæнджыты аххос, уæ хъус æм нæ дардтат, зæгъгæ, сæ куысты мызд дæр сын нал радта, афтæмæй сæ йæ хæдзарæй фæсырдта. Асырдта Ацырухсы дæр.
Долат уыцы рæстæджы æлдары æххуырстимæ æфцæгыл хос карста, Агуындæ кæй амард, уыцы хабар фæдисонтæй фехъуыста, йæхи ма фæсмонæй хордта, Ацырухсы ’руаджы Агуындæйæн куы бамбарын кодтаид, Дзанджы кæй фервæзын кодта, уыцы хабар, чизоны, чызг йæхи нæ амардтаид. Агуындæйы чындзæхсæвы хабар та æвиппайды уыди. Долатæн та тæккæ куысты рæстæджы ам фæуыны фадат нæ фæци. Цæвæгджынтæ цæмæй дыууæрдæм хъæумæ цæуыныл сæ рæстæг ма сæфтаиккой. Уый тыххæй-иу æхсæв æфцæгыл баззадысты.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0