Ирон хъæбысæйхæцджытæ ралæудзысты æхсæнадæмон турнир Гран-при "Иван Ярыгин"-ы

© PhotoСидахъты Зауырбег
Сидахъты Зауырбег - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 янв – Sputnik. Ирон хъæбысæйхæцджытæ хайад райсдзысты æхсæнадæмон турниры Гран-при "Иван Ярыгин - 2023", хъусын кæны 15-æм Регион.
Ерыстæ ацæудзысты Красноярскы 25-æй 30-æм январьмæ.
Æвзæрстытæ турнирмæ рацыдысты 25 адæймагæй фылдæр, сæ нымæцы Сидахъты Зауырбег, Найфонты Артур æмæ Козырты Сергей.
"Алкæйдæр фæнды хайад райсын турниры. Æндæр егъау турниртæ ныр нæй. Нæ фæсивæдæн ис хорз физикон цæттæдзинад", - фехъусын кодта республикæйы командæйы сæйраг тренер Гозымты Хетæг.
Гозымты Хетæг ма радзырдта, уæрæсейаг хъæбысæйхæцджытæн кæй ис шанс æрбаздæхын æхсæнадæмон аренæмæ дæр.
Ерысты хайад райсдзысты фæсарæйнаг хъæбысæйхæцджытæ дæр, сæ нымæцы Иран, азахстан, Киргизи, Узбекистан æмæ æндæр бæстæты хъæбысæйхæцджытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0