https://sputnik-ossetia.com/20230113/khbatyr-khston-tskhinvaly-fstag-khrzbon-zagtoy-ostaty-tamerlann-20915449.html
Хъæбатыр хæстон: Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Остъаты Тамерланæн
Хъæбатыр хæстон: Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Остъаты Тамерланæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны фæстаг хæрзбон загътой Остъаты Тамерланæн. Граждайнаг панихидæ ацыд Цхинвалы микрорайон БАМ-ы Плиты... 13.01.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-01-13T16:27+0300
2023-01-13T16:27+0300
2023-01-13T16:27+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/01/0d/20913374_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_def84134c349088e1c0a324ba9861767.jpg
ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны фæстаг хæрзбон загътой Остъаты Тамерланæн. Граждайнаг панихидæ ацыд Цхинвалы микрорайон БАМ-ы Плиты Харитоны уынгыл.Хъæбатыр хæстоны афæндараст кæнынмæ æрбацыд республикæйы къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, афтæ ма тыхон структурæты æмæ депутатон корпусы минæвæрттæ.Тамерлан ахицæн йæ цардæй 21-аздзыдæй. Уый фæндыд баххуыс кæнын Донбассы цæрджытæн. Остъаты бинонты хиуæттæ куыд радзырдтой фыдохы митингыл, афтæмæй æвзонг лæппу йæхи равдыста хъæбатыр хæстонæй, кæцы алыхатт дæр бырста размæ.Остъаты Тамерлан фæмард 2022 азы 26 сентябры. Бирæнымæц знæгтимæ фембæлгæйæ, "Ветерантæ" дæлхайад ныппырх кодтой. Бинонтæ бирæ рæстæг фæлвæрдтой ссарын Тамерланы, фæлæ сын æрмæст ныр бантыст.Остъаты Тамерланы мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой майданæй "Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн".
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/01/0d/20913374_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_95a773f877f956c13e2b2a528467c76c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
Хъæбатыр хæстон: Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Остъаты Тамерланæн
ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны фæстаг хæрзбон загътой Остъаты Тамерланæн. Граждайнаг панихидæ ацыд Цхинвалы микрорайон БАМ-ы Плиты Харитоны уынгыл.
Хъæбатыр хæстоны афæндараст кæнынмæ æрбацыд республикæйы къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, афтæ ма тыхон структурæты æмæ депутатон корпусы минæвæрттæ.
Тамерлан ахицæн йæ цардæй 21-аздзыдæй. Уый фæндыд баххуыс кæнын Донбассы цæрджытæн. Остъаты бинонты хиуæттæ куыд радзырдтой фыдохы митингыл, афтæмæй æвзонг лæппу йæхи равдыста хъæбатыр хæстонæй, кæцы алыхатт дæр бырста размæ.
Остъаты Тамерлан фæмард 2022 азы 26 сентябры. Бирæнымæц знæгтимæ фембæлгæйæ, "Ветерантæ" дæлхайад ныппырх кодтой. Бинонтæ бирæ рæстæг фæлвæрдтой ссарын Тамерланы, фæлæ сын æрмæст ныр бантыст.
Остъаты Тамерланы мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой майданæй "Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн".