Цæгат Иры 180 милуан сомæй фылдæр рахицæн кæндзысты æхсæнадон тыгъдадты хæрзарæзтадæн

© 15 -й РегионЦæгат Иры 180 милуан сомæй фылдæр рахицæн кæндзысты æхсæнадон тыгъдадты хæрзарæзтадæн
Цæгат Иры 180 милуан сомæй фылдæр рахицæн кæндзысты æхсæнадон тыгъдадты хæрзарæзтадæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 янв – Sputnik. Цæгат Ирыстоны 180 милуан сомæй фылдæр рахицæн кодтой æхсæнадон тыгъдад ранæуæг кæнынæн, хъусын кæны 15-æм Регион.
Регионы сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд ныффыста йæ Telegram-каналы, афтæмæй 2023 азы æдæппæт ранæуæг кæндзысты 41 æхсæнадон тыгъдады.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, сцалцæг кæндзысты Нина Зубковайы уынг, кæцы ссис æппæтуæрæсейон онлайн-хъæлæскæнынады руаджы уæлахиздзау объектты æхсæн, кæцытæ цалцæг кæнынц федералон программæмæ гæсгæ "Формирование комфортной городской среды".
Республикæйы цæрджытæ сæхæдæг равзæрстой, кæцы территори хъæуы сцалцæг кæнын.
Цæгат Ирыстоны 2022 азы комфортон æмæ нырыккон ссисты 42 æхсæнадон территори æмæ 74 кæрты.
Ног хабӕртты лентӕ
0