Уæрæсейаг æфсæдтæ Соледары скуынæг кодтой 700 украинæйаг хæстоны æртæ суткæйы дæргъы

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæдтæ
Уæрæсейаг æфсæдтæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта, кæй ссæрибар кодтой горæт Соледар украинæйаг æфсæдтæй цыппæрæмы изæры.
"Изæры 12-æм январы ссæрибар кодтой горæт Соледар, кæцыйæн ис ахсджиаг нысаниуæг Донецкы здæхтыл размæбырстон архæйдтытæн", - загътой уагдоны.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, Соледар ссæрибар кæныны руаджы аиуварс кодтой Украинæйы æфсæдты ифтонгкæнынад Артемовскы.
Хъахъхъæнынады министрады ма бахахх кодтой, уæрæсейаг æфсæддонтæ кæй скуынæг кодтой 700 украинæйаг хæстоны æмæ техникæйы 300 иуæджы Соледары æртæ суткæмæ.
"Уæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхтæ скуынæг кодтой горæт ссæрибар кæнын рæстæджы Украинæйы Гарзджын тыхты æртæ хæдтæхæджы æмæ иу вертолет. Афтæ ма уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ Соледары районы æрыппæрстой залпон æхсты реактивон системæтæ "HIMARS", "Ольха" æмæ "Ураган"-ы фараст сармадзаны", - загътой хъахъхъæнынадон уагдоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0