Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

25. СЫЛГОЙМАДЖЫ НАМЫС

25. СЫЛГОЙМАДЖЫ НАМЫС
Рафыссын
Ныууарыди мит. Æрæхгæдта фæндæгтæ æмæ арф кæмдæр баныгæдта Ацырухсы рæсугъд сагъæстæ уазал миты бын. Басывæрджын. Бафиппайдта йæ æхсин æмæ йæ зымæджы карзы йæ хæдзарæй расырдта.
Афтæмæй æнахуыр горæты, æнæзонгæ адæмы ’хсæн уынджы хъæбæрыл баззад. Æлдары æххуырстытæй йын иу сылгоймаг фæтæригъæд кодта æмæ йæ акодта сæхимæ. Уый фæстæ йын иу усæн цавæрдæр хостæ фæкæнын кодта æмæ йын мард сывæллон райгуырд. Йæхицæн дæр ма йæ уд тыххæй фервæзтис мæлæтæй.
Куы ссæрæн, уæд Калачы иу хæрæндоны къустæ æхсæгæй райдыдта кусын. Уым та йыл ногæй æрцыди сайд. Стæй къухæй-къухмæ ацыд æмæ, иу хатт цы намыс фесæфта, уыцы намысы цъуппæй тулын райдыдта дæлæмæ-дæлæмæ, цъыфмæ...
Фæци карз зымæг. Уалдзæг йæ тæмæны бацыд æмæ дын иу хатт хæрæндоны куы ’рбалæууид Долат. Лæджы цæстытæ фырмæстæй туджы зылдысты. Усы йæ дзыккутæй ацахста æмæ йæ хæрæндонæй адæмы ’хсæнты æддæмæ раласта.
— Хъахбай, æз дæ ардæм хæтынмæ æрырвыстон! — Лæг йæ тых, йæ бонæй ныдздзæхст ласта усы æхсæрфарс, стæй хъама фелвæста æмæ йæ а-ныр ныррæхойа, афтæ пъæлицæйаг ацахста Долаты къух.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0