Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

26. КОСЕР

Рафыссын
Фыдуд кæны уæззау сагъæсты Габо, цалдæр азы размæ нысан ныууагъта Æхсæныхъæуккаг Хъараты Борсæйы чызг Косермæ. Борсæ — мулк æмæ кадыл мард. Йæхицæй мæгуырдæрты æнæсæрæн, ницæйæгтæй тыдта, йæхицæй хъæздыгдæртæн та — мæнæй лæгдæр цæмæн сты, зæгъгæ, сæ мæлæтмæ бæллыд. Нæ нымадта лæгыл Габойы дæр æмæ йын нæ лæвæрдта йæ чыздæы.
Фæлæ чызг лæгдыхæй сыстад йæ фыды ныхмæ... Фыд нæ ныббыхста йæ чыздæы къæйныхдзинад æмæ йыл дуæрттæ сæхгæдта йæ уаты. Косер æгаддзинад не ’рхаста йæ сæрмæ æмæ, мæ удыл мæ бар цæуы, зæгъгæ, йæхи куы ’рцауындзид. Удмидæг ма йæ ауындзæнæй æристой. Борсæйæн иунæг чызг — уымæй дæр фæтарст, йæ кадыл къæм куы абада, зæгъгæ, æмæ чыздæы фыддæрадæн лæппуйæ стыр ирæд æрдомдта: фараст галы, æхсæз хъудæы, бæх æд саргъ, дæс æмæ ссæдз фысы, цæдæдæинаг æрхуыаг, сыгъзæрин донытылд æхсаргард æмæ хъама, стæй дæс туманы та æхцайæ. Борсæ æнхъæл уыд: ахæм стыр ирæд бафидын йæ бон нæ бауыдзæн Габойæн, æфсон æй фæуыдзæн æмæ йæ чыздæы йæхи æмсæр æндæр искæй фыртæн ратдзæн.
Борсæ йын фыддæрадæн ми кæй бакодта, уый æмбæрста Габо, ныххудинаг æй кæна — æрхъавыд æм уымæ. Ирæды тыххæй йын йæ уарзон чыздæы æндæр исчи куы ахæсса — комбæсты хъалтæ йыл скæндзысты къуыппæнзарæг æмæ йын уæд цæргæбонтæм æддæмæ ракæсæн нали. Уыцы худинаг лæппу йæ сæрмæ не схаста, æмæ дзы Борсæ ирæдæн цы æрдомдта, ууыл, тудæы аргъ фидæгау, сразы.
Уæдæй нырмæ рацыдис дæс азы, уæдæй нырмæ лæппу хæдзайраг нал у, нал ын æхсæв ис, нал бон. Уæззау æфсондзы сифтыгъта йæхи æмæ, хуымон галау, кусы, хæдзары ницыуал баззад, фæлæ, марадз зæгъ, нырма йе ’мбис дæр нæ ахицæн ирæдæн.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0