Дзæуджыхъæуы ссардтой фыссæг æмæ рухстауæг Коцойты Арсены ном

© Photo : ГТРК "Алания"Дзæуджыхъæуы ссардтой фыссæг æмæ рухстауæг Коцойты Арсены ном
Дзæуджыхъæуы ссардтой фыссæг æмæ рухстауæг Коцойты Арсены ном - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 янв – Sputnik. Зынгонд фыссæг æмæ рухстауæг Коцойты Арсены райгуырдыл сæххæст ис 151 аз. Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты йын ссардтой йæ ном. Уый тыххæй хъусын кæны "15-й Регион" адæймажы барты фæдыл æвджиддары аппараты пресс-службæйыл æнцойгæнгæйæ.
Коцойты Арсены номарæн мадзалмæ æрцыдысты депутаттæ, фысджытæ æмæ мыггаджы минæвæрттæ.
Нысангонд æрцыд, 2022 азы адæймаджы барты фæдыл æвджиддар Цгъойты Тамерлан сфидар кодта Коцойты Арсены номыл хæрзиуæг бартæ хъахъхъæныны архайды фадыджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0