https://sputnik-ossetia.com/20230116/khussar-iry-atsyd-iron-vzadzhy-problemty-fdyl-tymbyl-fyng-20958431.html
Хуссар Иры ацыд ирон æвзаджы проблемæты фæдыл тымбыл фынг
Хуссар Иры ацыд ирон æвзаджы проблемæты фæдыл тымбыл фынг
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 16 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ПТРК "Ир"-ы ауагъдæуыд ирон æвзаджы проблемæты фæдыл тымбыл фынг Дзудцаты Тамерланы сæргълæудæй. Рабадты хайад... 16.01.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-01-16T17:26+0300
2023-01-16T17:26+0300
2023-01-16T17:26+0300
хуссар ирыстоны
ӕхсӕнад
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/01/10/20957964_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_99afd4ba970093590d307b2b24b1a7d8.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ПТРК "Ир"-ы ауагъдæуыд ирон æвзаджы проблемæты фæдыл тымбыл фынг Дзудцаты Тамерланы сæргълæудæй. Рабадты хайад райстой профессор, филологон зонæдты кандидат Битарты Зоя, профессор, уырыссаг филологийы дæсны Остъаты Джульетта, РХИ фысджыты Цæдисы æмсæрдар, æхсæнадон архайæг Хъазиты Мелитон, РХИ сгуыхт ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæ, РХИ адæмон артист Бибылты Сослан.Тымбыл фынджы райдианы æмбырды сæргълæууæг Дзуццаты Тамерлан æрæмбырдуæвджытæн сæ зæрдыл æрбалæууын кодта ирон литературон æвзаг куыд æмæ цы уавæрты æрбиноныг кодтой. Хайадисджытæ бæстонæй æрдзырдтой ирон æвзаджы иууыл ахсджиагдæр проблемæтыл.Куыд ма бафтыдта профессор, афтæмæй ирон æвзагыл раст дзурын куыд фонетикон, афтæ интонацион æгъдауæй амонынæн ахсджиаг у фонологон аппарат, тынг æхсызгонæй хъæуы ХИПУ студенттæн.Ирон æвзаджы сгуыхт ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæ бафтыдта, сабидæттæй скъоламæ сывæллæттæ æрбацæуынц цæттæйæ, уымæн æмæ сын амонынц программæ "Малусæг"-мæ гæсгæ, фæлæ скъолайы ахуыры рæстæджы сæ зонынзинæдтæ рох кæнын райдайынц. Уымæн йæ аххосаг уый уыны ныры дуджы мобилон телефонты цы хъæзтытæ ис, уыдоны. Банысан ма кодта уый дæр, æмæ нæ республикæйы цæрджытæй бирæтæн кæй не ᾿вдисы националон телеуынынады канал æмæ уый дæр æвзæрмæ ᾿ндавы ирон æвзаг зоныныл.Тымбыл фынджы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ацы фембæлд у фыццаг æмæ æнæмæнгæй дарддæр дæр уаддзысты ахæм мадзæлттæ, дзурдзысты ирон æвзаджы проблемæтыл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/01/10/20957964_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_437329f60abc67add4017196ca8d4c70.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ӕхсӕнад, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ӕхсӕнад, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры ацыд ирон æвзаджы проблемæты фæдыл тымбыл фынг
ЦХИНВАЛ, 16 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ПТРК "Ир"-ы ауагъдæуыд ирон æвзаджы проблемæты фæдыл тымбыл фынг Дзудцаты Тамерланы сæргълæудæй. Рабадты хайад райстой профессор, филологон зонæдты кандидат Битарты Зоя, профессор, уырыссаг филологийы дæсны Остъаты Джульетта, РХИ фысджыты Цæдисы æмсæрдар, æхсæнадон архайæг Хъазиты Мелитон, РХИ сгуыхт ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæ, РХИ адæмон артист Бибылты Сослан.
Тымбыл фынджы райдианы æмбырды сæргълæууæг Дзуццаты Тамерлан æрæмбырдуæвджытæн сæ зæрдыл æрбалæууын кодта ирон литературон æвзаг куыд æмæ цы уавæрты æрбиноныг кодтой. Хайадисджытæ бæстонæй æрдзырдтой ирон æвзаджы иууыл ахсджиагдæр проблемæтыл.
"Мах ныр æвдисæн стæм хæццæ æвзагæн, æмæ уый та у феномен. Цæмæй йын йæ хийæдтæ раиртасæм, уый тыххæй хъæуы социолингвисттæ, æмæ нæм ахæм специалитттæ та нæй", - загъта Битарты Зоя.
Куыд ма бафтыдта профессор, афтæмæй ирон æвзагыл раст дзурын куыд фонетикон, афтæ интонацион æгъдауæй амонынæн ахсджиаг у фонологон аппарат, тынг æхсызгонæй хъæуы ХИПУ студенттæн.
Ирон æвзаджы сгуыхт ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæ бафтыдта, сабидæттæй скъоламæ сывæллæттæ æрбацæуынц цæттæйæ, уымæн æмæ сын амонынц программæ "Малусæг"-мæ гæсгæ, фæлæ скъолайы ахуыры рæстæджы сæ зонынзинæдтæ рох кæнын райдайынц. Уымæн йæ аххосаг уый уыны ныры дуджы мобилон телефонты цы хъæзтытæ ис, уыдоны. Банысан ма кодта уый дæр, æмæ нæ республикæйы цæрджытæй бирæтæн кæй не ᾿вдисы националон телеуынынады канал æмæ уый дæр æвзæрмæ ᾿ндавы ирон æвзаг зоныныл.
"Æвзаджы хъысмæт æрмæст æвзагзонынады кусджытæй нæу, фæлæ æнæхъæн æхсæнадæй", - загъта Гæбæраты Фатимæ.
Тымбыл фынджы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ацы фембæлд у фыццаг æмæ æнæмæнгæй дарддæр дæр уаддзысты ахæм мадзæлттæ, дзурдзысты ирон æвзаджы проблемæтыл.