УГТ рауагътой ракетæтæ Донецкы цæрæн хæдзарыл: рæдзæгъдты бын гæнæн ис æмæ уой адæм

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæУГТ рауагътой ракетæтæ Донецкы цæрæн хæдзарыл
УГТ рауагътой ракетæтæ Донецкы цæрæн хæдзарыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 янв – Sputnik. Донецкаг Адæмон Республикæйы (ДАР) УУМ кусджытæ нысан кæнынц, украинæйаг æхстытæй Донецкы пырх агъуысты рæдзæгъдты бын гæнæн ис æмæ уой адæм. Агурæн-ирвæзæн куыстытæ уагъд цæуынц.
ДАР минæварады Украинæйы æфсæддон фыдракæндты фæдыл фарстытæ координаци æмæ хъусдарды Иумæйаг центры фехъусын кодтой, украинæйаг æфсæдтæ къуырисæры райсомæй кæй рауагътой Донецкы Калинины районыл æртæ ракетæйы.

"Бæрæггонд æрцыд, конструкци кæй æркалд, дарддæр не ссыгъд. Ссардæуыд æртæ зианбаййафæджы, уыдысты æрцæугæ цауы цур. Æрбацæугæ информацимæ гæсгæ, рæдзæгъдты бын гæнæн ис æмæ уой адæм", - дзырдæуы министрады Telegram-каналы хъусинаджы.

УУМ бафтыдтой, æрсидты бынатмæ æрвыст кæй æрцыдысты ноджы фондз сæрмагонд аварион-ивæрзынгæнæг хæдтулгæйы, дыууæ автоасины, уæзæвæрæн, уæзласæн хæдтулгæ æмæ дыууæ хæрдмæисæн автокъран. Афтæ ма æрхуыдтой ДАР УУМ кинологон къорд.
Регионы УУМ кусджытæ уадзынц агурæн-ирвæзынгæнæн куыстытæ, рæдзæгъдтæ равзарын æмæ зианбаййафджыты агуырды фæдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0