Мæскуыйы ацæудзысты Цæгат Иры культурæйы бонтæ

© Photo : Пресс-служба главы и правительства Северной ОсетииМæскуыйы ацæудзысты Цæгат Иры культурæйы бонтæ
Мæскуыйы ацæудзысты Цæгат Иры культурæйы бонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 янв – Sputnik. РЦИ-Аланийы сæвзæрдыл 100 азы сæххæсты цытæн бæрæгбоны фæлгæтты Мæскуыйы ацæудзысты Ирыстоны культурæйы бонтæ.
"Цæгат Ирыстоны культурæйы бонтæ ацæудзысты Мæскуыйы. Столицæйы сæйраг фæзуæттыл ралæудзысты Цæгат Ирыстоны хуыздæр профессионалон сфæлдыстадон коллективтæ", - хъусын кæны республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.
Афтæ ма ацæудзæн Фæсивæдон культурон-историон форум, кæцы нывонд у ирон адæмы номдзыд минæвæртты царды историйæн, Цæгат Ирыстоны куыстуæтты сувенирон продукцийы равдыст националон æмæ юбилейон символикæимæ. Нывæсты ма ис рауадзын æвзист згъæрæхца "100-летие образования Республики Северная Осетия – Алания".
Сæйраг мадзæлтты нывæсты ис 15 пункты, кæцыты реализаци уагъд цæуы фарон азæй фæстæмæ.
Бæрæгбоны фæлгæтты ма нывæндынц рауадзын къорд чингуытæ Цæгат Ирыстоны истори æмæ йæ паддзахаддзинады арæзтады фæдыл, афтæ ма зындгонд историон гоймæгты тыххæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0