Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр басгæрста "Восток" æфсæдты къорды штаб СÆО-йы зонæйы

© Sputnik / Министерство обороны РФ /  Ахизын медиабанкмæСергей Шойгу
Сергей Шойгу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 янв – Sputnik. УФ хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу басгæрста "Восток" æфсæдты къорды штаб сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) зонæйы.
"Восток" æфсæдты командон пункты Сергей Шойгу басхъуыста къорды командæгæнæг, инæлар-лейтенант Рустам Мурадовы докладмæ ныры уавæр æмæ æфсæдты архайды фæдыл", - дзырдæуы хъахъхъæнынадон уагдоны хъусинаджы.
Уæлдай хъусдард куысты рæстæджы Шойгу аздæхта æфсæдты ифтонгкæнынадмæ, фортификацион куыстытæм æмæ уавæрты арæзтадмæ æфсæддонты æдас уæвынадæн быдырон уавæрты, афтæ ма медицинон æмæ фæсчъылдымон дæлхайæдты куыстмæ.
Сергей Шойгу бузныг загъта æфсæддонтæн, кæцытæ хъæбатырæй æххæст кæнынц сæ хæслæвæрдтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Хъайтардзинады тыххæй министр радта æфсæддонтæн паддзахадон хорзæхтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0