Ирон фысджытæ. Хъамбердиаты Мысост

Хъамбердиаты Мысост
Рафыссын
Цыбыр, фæлæ æрдхæрæйнаг уыд, Хъамбердиаты Мысосты царды фæндаг. Арвы ферттывдау уыд йæ фæзынд ирон литературæйы. Нæртон адæмы хорз миниуджытæй, сфæлдыстадон фæндаджы хæрзиуджытæй хайджын уыд йæ кадавар царды бонты. Ирыстон Мысосты хонынц æдзард хъæбул.
Мысостæн йæ рæстæг цæрæнбон нæ радта, фæлæ йæуый хыгъд цардбæллондзинад æмæ æрдзон курдиатæй хæрзифтонг скодта, хъару, зонд æмæ лæджыгъæдæй æххæст адæймаг уыд. Къоста æнæмæнг дæр Мысосты хуызæттæй загътаид: "Æхсæрдæсæм аздзыд лæджы бындзæфхад". Ирон советон поэзийы булæ- мæргътæй иу Мысост кæй уыд, уый та нын дызæрдыггаг нæу. Йæ рæстæджы цард æмæ æгъдæуттыл Мысост зарыд уæндон æмæ ныфсджынæй, ног дуджы комулæфтæй дзаг уыдис йæ риу. Æвзонг поэты ныхæстæ æмæ фæндтæ уыдысты куыры- хон поэты зæрдæбын хъуыдытæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0