Хуссар Иры МХМ радзырдтой, Доныскъæфæн нысан кæныны рæстæджы кæцы уынгтæ æрæхгæндзысты

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны МХМ радзырдтой Доныскъæфæны нысан кæныны рæстæджы кæцы уынгтæ æрæхгæндзысты
Хуссар Ирыстоны МХМ радзырдтой Доныскъæфæны нысан кæныны рæстæджы кæцы уынгтæ æрæхгæндзысты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik. Доныскъæфæны бон нысан кæныны рæстæджы Цхинвалы аргъуанты, афтæ ма кафедралон аргъуанæй ног хидыл Леуахийы донбыластæрдмæ бæрæгбонон рацыды æхсæнадон фæтк хъахъхъæндзысты мидхъуыддæгты министрад кусджытæ. Уый тыххæй Sputnik радзырдта Хуссар Ирыстоны æхсæнадон фæткæвæрды хъахъхъæнæн æмæ рæнхъон дæлфадгуыты къухдариуæгады сæргълæууæг Дыгъуызты Алан.

"Æхсæнадон фæткæвæрд хъахъхъæныны архайд исдзысты мидхъуыддæгты министрады 100 кусæджы бæрц. МСНК инженерон-техникон дæлхайады кусджытæ басгардзысты аргъуанты территоритæ, дон сыгъдæггæнæн бынæттæ æмæ найыны цæугæдæттæ", - загъта Дыгъуызты Алан.

Куыд банысан кодта æхсæнадон фæткæвæрды хъахъхъæнæн æмæ рæнхъон дæлфадгуыты къухдариуæгады сæргълæууæг, афтæмæй 18 январы изæры 10 сахатæй Джиоты Аланы проспект уыдзæн æхгæд Харебаты æмæ Тæболты уынгты алвæндæгты. 19 январы райсомы 11 сахатæй рæсткадон цыды рæстæджы хæдтулгæтæн фæндаг уыдзæн æхгæд Фыццаг майы, Кимы æмæ Путины уынгтæ кæм æмбæлынц Ирæтты уынгыл, уыцы алвæндагыл. Боны 12 сахатыл сæхгæндзысты Цоциты æмæ Путины уынгтæ кафе "Рандеву"-йы раз.
Ног хабӕртты лентӕ
0