МХМ радзырдтой, Цхинвалы районы фыдракæндты нымæц кæй фæкъаддæр ис

© Пресс-служба МВД РЮОМХМ радзырдтой, Цхинвалы районы фыдракæндты нымæц кæй фæкъаддæр ис
МХМ радзырдтой, Цхинвалы районы фыдракæндты нымæц кæй фæкъаддæр ис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы ацæугæ азы регистрацигонд æрцыдысты 20 фыдракæнды, уый та у 2021 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ 12 къаддæр. Уый тыххæй дзырдæуыд хыгъдон рабадты Цхинвалы районы мидхъуыддæгты фæткдаруаты.

"Ивгъуыд аз районы территорийыл регистрацигонд æрцыдысты 20 фыдракæнды, уыдонæй раргом кодтой 16. Аналогион периоды 2021 азы регистрацигонд уыд 32 фыдракæнды, раргом кодтам 30", - радзырдта мидхъуыддæгты хайады сæргълæууæг Джигкайты Сослан.

Афтæ ма уынаффæйы æмбырды банысан кодтой, ацы аз аиуварс кæндзысты оперативон-службæйон архайды цухдзинæдтæ иууылдæр.
Мидхъуыддæгты министр Гæззаты Валерий банысан кодта, уæлдай хъусдард æнæмæнгæйдæр кæй хъæуы аздахын фæткхæлдтыты ныхмæ. Гæззаты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, фыдракæндты профилактикæйы ахсджиаг роль ис милицийы фадыгон æвджиддартæн. Уый бахахх кодта, фадыгон милицæйаг хъуамæ уа мобилон, фылдæр рæстæг æрвита йæ территорийыл æмæ цæрджытимæ куса.
Цхинвалы районы мидхъуыддæгты хайады куыстæн æвæрццаг аргъ скодтой.
Ног хабӕртты лентӕ
0