"Ныфс нæ ис дарддæр æмгуыстад кæнын Арцахимæ" - Хуссар Иры ФХМ сæргълæууæг

© Sputnik / Natalia AiriyanДжиоты Æхсар
Джиоты Æхсар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) сæргълæууæг Джиоты Æхсар раарфæ кодта Сергей Газарянæн Республикæ Арцахы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры бынатмæ снысан кæныны фæдыл.
"Бæрзонд паддзахадон бынатмæ Дæ кæй снысан кодтой, уый у бæстæ æмæ адæмæн бирæазон пайдаджын службæйы фæстиуæг æмæ æвдисы, республикæйы къухдариуæгад Дыл кæй æууæнды æмæ кад кæны", - дзырдæуы хъусинаджы, кæцы мыхуыргонд æрцыд РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сайтыл.
Йæ арфæйы Джиоты Æхсар банысан кодта, стыр аргъ кæй кæны дыууæ уагдоны æхсæн конструктивон æмархайдæн æмæ йæ ныфс ис дарддæр æмгуыстад кæнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0