Уæрæсейаг тыхтæ ивгъуыд суткæйы дæргъы æрыппæрстой украинæйаг штурмовик Су-25

© Sputnik / Валентин Капустин /  Ахизын медиабанкмæХæдтæхæг
Хæдтæхæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 янв – Sputnik. Уæрæсейы авиаци скуынæг кодта украинæйаг хæдтæхæг сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Уый тыххæй фехъусын кодтой УФ Хъахъхъæнынады министрады.
Донецкаг адæмон республикæйы Уæрæсейаг авиаци æрыппæрста Украинæйы уæлдæфон тыхты хæдтæхæг Су-25.
Афтæ ма авиаци, ракетон æфсæдтæ æмæ артиллерийы цæфтæй скуынæг кодтой Украинæйы Гарзджын тыхты 76 артиллерион дæлхайады æхсыны позициты, удæгас тыхтæ æмæ хæстон техникæ 103 районы.
УФ Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой авд украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 373 хӕдтӕхӕджы, 200 вертолеты, 2898 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 401 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 7563 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 985 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3855 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 8101 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0