https://sputnik-ossetia.com/20230119/27sanet-khaty-berdm-20978736.html
27. САНЕТ ХАТЫ БЕРДМÆ
27. САНЕТ ХАТЫ БЕРДМÆ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Базæронди Слонаты мыггадæы хистæр, æддæмæ нал хизы йæ уатæй. Знон Дзабедæы чындзæхсæвы дæр нæ уыди æмæ сæ хъæубæсты цы хабæрттæ æрцæуы, уыдон æм кæд исчи... 19.01.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-01-19T13:35+0300
2023-01-19T13:35+0300
2023-01-19T13:35+0300
гъе-мардзæ, исчи!
хуссар ирыстоны
радио иронау
истори
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/01/11/20978581_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_6d474eef530a504de97a8afd4cb11e54.png
27. САНЕТ ХАТЫ БЕРДМÆ
Sputnik Хуссар Ирыстон
27. САНЕТ ХАТЫ БЕРДМÆ
Базæронди Слонаты мыггадæы хистæр, æддæмæ нал хизы йæ уатæй. Знон Дзабедæы чындзæхсæвы дæр нæ уыди æмæ сæ хъæубæсты цы хабæрттæ æрцæуы, уыдон æм кæд исчи æрбахуын кæны, кæннод сын ницыуал фæзоны. Абон райсомæй йæм сæ мыггадæы идæдз Санет тыхстæй æрбацыд. Санет чындзы куы æрцыд, уæдæй абонмæ уайсадгæ кæны мыггадæы хистæрмæ. Фæлæ йæ ныр стыр мæт æрбаскъæрдта йæ разæй æмæ йын айхæлдта йе ’ взадæы æлхынцъ.— Ныххатыр кæн, нæ хистæр, фæуынгæдæы мæ хъæбул — дæ кæстæр, æмæ дæм суагътон уый тыххæй мæ цæсгом, — стыр зынтæй, йæ кæуындзæг йæ хурхысæрты, тыххæйты рæйдыдта йæ ныхас уайсадæг идæдз. — Никуы рацыдтæн фыдæлты ’фсармыл хинæй, дæхæдæг мын — æвдисæн. Æниу мæ сæрыхицауы амарды фæстæ бирæ зынтæ бавзæрстон — зоныс, фæлæ ныр... Дæуæй хуыздæр кæмæн зæгъон мæ мæт, нæ зонын. Нæ хистæр, де ’ххуысы сæр мæ бахъуыд, — ус Берды раз йæ зонгуытыл æрхауди.Берд — мыггадæы фарн, зонддæын хистæр, бамбæрста, йæ мыггадæы намысдæын уайсадæг идæдз æнæхъуадæы кæй нæ ахызт æгъдауы сæрты, цавæрдæр тыхы уылæн æй кæй æрбахаста æмæ йæ хуыссæны рабадт.— О, æз дын куыд амардтæн, чындз, цы хабар у, цы фыд æрцыди? Дзур-ма... æрмæст уæлæмæ сыст.— Мæ лæппу, Габо... Дысон хæдзары нæ уыди.— Габо? Дзабегæн, дам, къухылхæцæг куы уыди фехъуыстон. Чизоны, фысымтæм баззад, — Берд ныфсытæ æвæрдта Санетæн.— Нæ, уырдыгæй дысон изæрæй рацыд. Хæдзармæ нæ баздæхт... Дысон бонмæ йæ Дзангимæ фæцагуырдтам æмæ йæ райсом хосдоны ссардтам.Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/01/11/20978581_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_a3483a29724ed32bd686b9b4cb056f98.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
Базæронди Слонаты мыггадæы хистæр, æддæмæ нал хизы йæ уатæй. Знон Дзабедæы чындзæхсæвы дæр нæ уыди æмæ сæ хъæубæсты цы хабæрттæ æрцæуы, уыдон æм кæд исчи æрбахуын кæны, кæннод сын ницыуал фæзоны. Абон райсомæй йæм сæ мыггадæы идæдз Санет тыхстæй æрбацыд. Санет чындзы куы æрцыд, уæдæй абонмæ уайсадгæ кæны мыггадæы хистæрмæ. Фæлæ йæ ныр стыр мæт æрбаскъæрдта йæ разæй æмæ йын айхæлдта йе ’ взадæы æлхынцъ.
— Ныххатыр кæн, нæ хистæр, фæуынгæдæы мæ хъæбул — дæ кæстæр, æмæ дæм суагътон уый тыххæй мæ цæсгом, — стыр зынтæй, йæ кæуындзæг йæ хурхысæрты, тыххæйты рæйдыдта йæ ныхас уайсадæг идæдз. — Никуы рацыдтæн фыдæлты ’фсармыл хинæй, дæхæдæг мын — æвдисæн. Æниу мæ сæрыхицауы амарды фæстæ бирæ зынтæ бавзæрстон — зоныс, фæлæ ныр... Дæуæй хуыздæр кæмæн зæгъон мæ мæт, нæ зонын. Нæ хистæр, де ’ххуысы сæр мæ бахъуыд, — ус Берды раз йæ зонгуытыл æрхауди.
Берд — мыггадæы фарн, зонддæын хистæр, бамбæрста, йæ мыггадæы намысдæын уайсадæг идæдз æнæхъуадæы кæй нæ ахызт æгъдауы сæрты, цавæрдæр тыхы уылæн æй кæй æрбахаста æмæ йæ хуыссæны рабадт.
— О, æз дын куыд амардтæн, чындз, цы хабар у, цы фыд æрцыди? Дзур-ма... æрмæст уæлæмæ сыст.
— Мæ лæппу, Габо... Дысон хæдзары нæ уыди.
— Габо? Дзабегæн, дам, къухылхæцæг куы уыди фехъуыстон. Чизоны, фысымтæм баззад, — Берд ныфсытæ æвæрдта Санетæн.
— Нæ, уырдыгæй дысон изæрæй рацыд. Хæдзармæ нæ баздæхт... Дысон бонмæ йæ Дзангимæ фæцагуырдтам æмæ йæ райсом хосдоны ссардтам.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.