Ирон фысджытæ. Беджызаты Уасо

Беджызаты Уасо
Рафыссын
Ирон советон литературæйы йæхи сæрмагонд миниуджытæ æмæ хæрзгъæд аивадон уацмыстæй чи фæхъæздыгдæр кодта, уыдон ны- мæцы ис Беджызаты Уасойы цард- æгас ном дæр. Фыды фарн, дам, мæрдтæм нæ цæуы. Уый хорз фидауы Беджызаты хæдзарвæндагыл дæр. Сæ фыдæл Леуаны куырыхон æмæ разагътайы ныхæстæ æмæ хъуыдытæй хотыхджын уыд Дауит дæр, кæцы йæ кæстæр фæлтæрмæ дæр ралæвæрдта фарн æмæ æгъдауæй. Уыцы уæздандзинад æмæ дзырдарæхстдзинад Иры дзыллæйы раз аивадон æвзагæй бафæрæзтой равдисын Чермен æмæ Уасо дæр. Кæд ирон национ культурæйы рæзты фæндагыл Чермены бæрц хуынтæ æрбахæссын йæ бон нæ бацис Уасойæн, уæддæр уый афтæ нæ нысан кæны æмæ æрдзон курдиатæй хъуагдæр уыд. Уый зын зæгъæн у, уымæн æмæ Уасо бындуронæй йæ тых æмæ йæ рæстæг фыссæджы куыстыл нæ хардз кодта.
Беджызаты Дауыты фырт Уасо райгуырдис 27 декабры 1908 азы горæт Тбилисы. Йæ сабион бонтæ арвыста бæрзонд Урстуалты зылды, Едысы хъæуы.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0