Ирон фысджытæ. Бестауты Гиуæрги

Бестауты Гиуæрги
Рафыссын
Бестауты Гиуæргийы фæзынд ирон литературæйы уыдис цæхæркалæг стъалыйы хуызæн, фæлæ йæ ном куы айхъуыст, куыд курдиатджын поэт æмæ диссаджы тæлмацгæнæг, уæд 47 аздзыдæй йæ зынгахуыссыд.
Æрыгон поэт цыма развæлгъау йæ мæлæт зыдта, цыма йæ кæнинæгтæ куы баззайой, уымæй тарстис, ахæм зыд æвнæлд кодта поэзийы къæбицмæ, тæлмацы куыстмæ. Æмæ йын дзы кæд бирæ саразын бантыст, уæддæр йæ бирæ нывæстытæй сæ фылдæр хай баззад æнæбабæстонæй. Цы стыр мæсыг амадта, уый йын æрдæгыл баззад, æгъатыр низ æй атыдта цардæй, йæ адæмæй, йæ бинонтæй.
Бестауты Гиуæрги Георгийы фырт райгуырдис 1932 азы 5-æм майы Хуссар Ирыстоны Годжиты хъæуы зæхкусæг бинонты хæдзары. Райдиан скъола каст фæцис йæ мадæлон æвзагыл сæхи хъæуы. Уæд фæбæрæг фидæны поэты æвзыгъддзинад ахуырмæ, чиныгкæсынмæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0