Хуссар Иры нысан кæнынц Хуыцауы Дзуарæфтыд

© Sputnik / Natalia AiriyanДзуарæфтыд
Дзуарæфтыд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 янв – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстон цыппæрæмы, куыд æппæт чырыстон дунейы, нысан кæны Хуыцауы Дзуарæфтыд, кæцы у иуыл сæйрагдæр рæстдинон бæрæгбонтæй иу. Республикæйы рæстдинон чырыстонтæ, кæцыты нымæцы уыд Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, æрæмбырд сты Фырсыгъдæг Мадымайрæмы аргъуаны, цы ран æмбисæхсæв райдыдты Хуыцаумæ скуывд, кæцы сæххæст кодта фыд Сергий.
Гаглойты Алан раарфæ кодта республикæйы цæрджытæн бæрæгбоны цытæн, æмæ сын йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад, сабырдзинад æмæ хæрзæбон.
"Арфæ кæнын нæ адæмæн Хуыцауы Дзуарæфтыды бæрæгбоны цытæн. Хуыцау зæгъæд, цæмæй æрæмбырдуæвджыты куывдтытæ нæ республикæйы, афтæ ма нæ адæм æмæ æфсымæрты хæрзæбоны фæдыл, кæцытæ хайад исынц сæрмагонд æфсæддон операцийы, хъуыстгонд æрцæуой", - загъта паддзахады сæргълæууæг.
Бæрæгбонон Хуыцаумæскуывды фæстæ Дменисы хъæуы ацыд Дон аргъуыд Чысыл Леуахийы. Адæмы æдасдзинад бæрæгбонон мадзæлтты рæстæджы æххæст кодтой УУМ æмæ тагъд æххуысы кусджытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0