Меняйлойы хæрæфырты схорзæхджын кодтой СÆО рæстæджы диверсантты уацары ракæныны тыххæй

© Sputnik / Иван Родионов /  Ахизын медиабанкмæСуворовы майдан
Суворовы майдан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 янв – Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг йæ Telegram-каналы фехъусын кодта, йæ хæрæфырт Саулохты Чермены кæй схорзæхджын кодтой Суворовы майданæй сæрмагонд операцийы рæстæджы.

"Лейтенант Саулохты Чермен хорзæхджын æрцыд Суворовы майданæй æфсæддон хæслæвæрд æнтысджынæй кæй сæххæст кодта, уый тыххæй. Йæ къухдариуæгады бын взвод уацары ракодтой диверсион къорд, уыцы хъуыддаг ахъаз фæцис сæрмагонд арæзт æмæ ныхмæдлæууæджы техникæйæ бирæ бæрц ликвидаци скæнынæн", - ныффыста Меняйло.

РЦИ-Аланийы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, Чермен нырма сывæллон куы уыд, уæд аскъуыддзаг кодта Суворовы ахуыргæнæндонмæ кæй бацæудзæн ахуыр кæнынмæ, уыдзæн æфсæддон.
"Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ бон не 'сси æмæ йын къух ма радтон. Сæрыстыр дæн ахæм хæрæфыртæй", - бахахх кодта регионы сæргълæууæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0