Цхинвалы уынгтæй иуыл цы гоймаг æхста, уый йæхæдæг æрбацыд милицимæ

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ МХМ
РХИ МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) фехъусын кодтой, зæгъгæ, столицæйы цæрæг, кæцы æхста Гаглойты Владимиры уынгыл, йæхæдæг æрбацыд милицимæ.
Цау æрцыд 17 январы изæры. Æбæрæг гоймаг цалдæр æхст фæкодта уæлдæфмæ травматикон хæцæнгарзæй, уый фæстæ фæтары ис цауы бынатæй. Уый разынд Цхинвалы 27-аздзыд цæрæг.
"Уый йæхæдæг бацыд мидхъуыддæгты хайадмæ æмæ бавдыста травматикон пистолет, кæцыйæ æхста. Хæцæнгарз æрвыст æрцыд МХМ экспертон-криминалистон центрмæ экспертизæмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, цауы фæдыл басгæрст уадзы Цхинвалы мидхъуыддæгты хайад.
Ног хабӕртты лентӕ
0