Бæстыхæйттæ иууылдæр арæзт сты: Зæгъойты Эдуард сывæллæтты лагеры арæзтады тыххæй Мзиугомы

© Sputnik / Natalia AiriyanЗæгъойты Эдуард
Зæгъойты Эдуард - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 янв – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы сывæллæтты лагеры сæйраг бæстыхæйтты арæзтад балхынцъ ис, сæ нымæцы административон агъуыст æмæ фондз корпусы 150 сывæллонæн. Хуссар Ирыстоны арæзтад, архитектурæ æмæ ЦКХ министр Зæгъойты Эдуард куыд банысан кодта, афтæмæй сæххæст кодтой инженерон куыстытæ дæр.
"Æввахс рæстæджы райдайдзæн ацы бæстыххæйтты мидæггагон æмæ æддагон арæзтад. Уымæй дарддæр, егъау куыст бакæндзысты лагеры территорийы хæрзарæзтады фæдыл, афтæ ма дзы сараздзысты спортивон фæзуаттæ æмæ сæрдыгон амфитеатр", - загъта министр.
Зæгъойты Эдуард банысан кодта, сывæллæтты лагеры проект арæзт æрцыд æмбæлон домæнтæм гæсгæ.
Министр бафтыдта, зæгъгæ, ацы объект, йæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдзæн иунæг ахæм объект Хуссар Ирыстоны, цы ранмæ сæ бон уыдзæн æрцæуын республикæйы алы районæй сывæллæттæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, лагерь исдзæн сывæллæтты алы сезоны дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0