Ирон фысджытæ. Хъуысаты Хъасболат

Хъуысаты Хъасболат
Рафыссын
Ирыстоны хæхтæ, йæ рæсугъд сæрвæттæ, йæ цъæх дæлвæзтæ, æхсæрдзæнты аив зард, йæ дзыллæйы лæджыхъæд, намыс, сæ диссаджы царды хабæрттæ æмæ фæндæгтыл иууыл зæрдæбындæрæй чи зарыд, сæ хæрзиуæгæн чи куыста, уыдонæй иу уыдис Хъуысаты Хъасболат.
Хъасболат уд æмæ лæджыхъæдæй æххæст адæймаг уыд, цырагъдарау фæлæууыд йæ адæмы раз, йæхи зонынхъом куы фæцис, уæдæй суанг йæ амæлæты бонмæ. Йæ сагъæсы сæйраг уыд Ирыстоны рæсугъд сомбон, йæ адæмы бæллиццаг фидæн, ирон лæджы кад.
Национ культурæйы райрæзтыл хъардта йæ уд, йæ тыхтæ лæвæрдта Ирыстоны цардуаджы аппаринаг æгъдæуттæ фесафынмæ, ног дуджы хæрзиуджытæ ныббиноныг кæнынмæ æмæ йын æнтысгæ дæр бирæ бакодта.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0