Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады æфсæддонтæ ссардтой Мулдарты Зелимы рухс ном

© Photo : Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады æфсæддонтæ ссардтой Мулдарты Зелимы рухс ном
Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады æфсæддонтæ ссардтой Мулдарты Зелимы рухс ном - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 янв – Sputnik. Сæрмагонд нысаниуæджы батальоны къухдариуæгад æмæ æвзонг хæстонтæ ссардтой Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады раздæры сæргълæууæг, булкъон Мулдарты Зелимы рухс ном. Æфсæддонтæ традицимæ гæсгæ æрбацыдысты командæгæнæджы ингæнмæ Ортъеуы хъæуы æмæ сæвæрдтой дидинтæ, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
"Мулдарты Зелим егъау хайбавæрд бахаста националон Гарзджын тыхты райрæзтмæ. Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд нысаниуæджы батальон хæссы йæ ном. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сæргъ уый слæууыд 25 сентябры 2003 азы æмæ разамынд дæтта националон æфсадæн 2004 азы апрелы онг", - дзырдæуы хъусинаджы.
Батальоны хистæр офицертæ лæмбынæгæй радзырдтой æвзонг хæстонтæн Мулдарты Зелимы царды тыххæй, йæ хайбавæрд РХИ æфсадмæ, йæ сгуыхтдзинæдтæ ССРЦ æфсады æмæ йæ хайадисты тыххæй хæстон архæйдтыты Афганистан æмæ Цæцæны Республикæйы.
Мулдарты Зелим йæ цардæй ахицæн 15 апрелы 2004 азы æнамонд цауы фæстиуæгæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0