https://sputnik-ossetia.com/20230120/tsgat-iry-raydydta-ppturseyag-konkurs-azy-khomylgng-y-regionalon-etap-21043018.html
Цæгат Иры райдыдта Æппæтуæрæсейаг конкурс "Азы хъомылгæнæг"-ы регионалон этап
Цæгат Иры райдыдта Æппæтуæрæсейаг конкурс "Азы хъомылгæнæг"-ы регионалон этап
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 20 янв – Sputnik, Тъехты Дзерасса. Цæгат Ирыстоны майрæмбоны райдыдта профессионалон дæсныйады конкурс "Уæрæсейы азы хъомылгæнæг"-ы регионалон этап... 20.01.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-01-20T17:38+0300
2023-01-20T17:38+0300
2023-01-20T17:38+0300
цӕгат ирыстон
ахуырад
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/01/14/21038663_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_71f5d5db6bedb9a47aee4fd69eb15a93.jpg
ЦХИНВАЛ, 20 янв – Sputnik, Тъехты Дзерасса. Цæгат Ирыстоны майрæмбоны райдыдта профессионалон дæсныйады конкурс "Уæрæсейы азы хъомылгæнæг"-ы регионалон этап. Мадзал ацыд Дзæуджыхæуы сабидон № 74.Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Салиты Зитайы ныхæстæм гæсгæ, ныййарджытæн сæ зæрдæ ма хъуамæ æхсайа, сывæллæттæ ахæм хъомылгæнджыты къухы куы уой.Куыд радзырдта Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ зонады министрады националон ахуырады æмæ æвзаджы политикæйы хайады сæргълæууæг Нæкъуысты Ирина, афтæмæй конкурс ауадзыны тыххæй стыр цæттæгæнæн куыст ацыд. Дæс боны дæргъы конкурсанттæ æвдисдзысты сæ арæхстдзинад. Конкурс арæзт у дыууæ турæй. Фыццаг туры фæуды финалмæ хъуамæ рахизой фондзæй, ауадздзысты мастер-класстæ. Конкурсы кæрон ауадздзысты фæлварæн пресс-конференци "Педагогмæ фарст". Фæуæлахизуæвæг ралæудзæн Цæгат Ирыстоны номæй Æппæтуæрæсейаг финалы фæззæджы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/01/14/21038663_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_27f491231460d0a3e30d0a447ef12a11.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ахуырад, ног хабӕрттӕ
цӕгат ирыстон, ахуырад, ног хабӕрттӕ
Цæгат Иры райдыдта Æппæтуæрæсейаг конкурс "Азы хъомылгæнæг"-ы регионалон этап
ЦХИНВАЛ, 20 янв – Sputnik, Тъехты Дзерасса. Цæгат Ирыстоны майрæмбоны райдыдта профессионалон дæсныйады конкурс "Уæрæсейы азы хъомылгæнæг"-ы регионалон этап. Мадзал ацыд Дзæуджыхæуы сабидон № 74.
"Профессионалон дæсныйады конкурс алыхаттдæр у стыр цау алы педагогы царды дæр. Фарон коллæгæтæ хайад райстой конкурсы, ацы аз сты жюрийы. Æнæхъæн аз мах æмбæлдыстæм алыхуызон мадзæлтты. Уынын æй, алкæмæн дæр цавæр профессионалон рæзт ацыд", - банысан кодта республикæйы ахуырад æмæ зонады министр Алибекты Элла.
Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Салиты Зитайы ныхæстæм гæсгæ, ныййарджытæн сæ зæрдæ ма хъуамæ æхсайа, сывæллæттæ ахæм хъомылгæнджыты къухы куы уой.
"Тынг мæ фæндид, цæмæй цы практикæтæ федтам алыхуызон конкурсты, уыдонæй активонæй пайда кæнæм æрвылбонон царды. Ссардæуыд бирæ цымыдисон амæлттæ. Фæнды мæ, цæмæй уæ коллегæты рахызтмæ цымыдисонæйдæр кæсат, ахуыр кæнат æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæнат", - бадзырдта Салбиты Зита конкурсы хайадисджытæм.
Куыд радзырдта Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ зонады министрады националон ахуырады æмæ æвзаджы политикæйы хайады сæргълæууæг Нæкъуысты Ирина, афтæмæй конкурс ауадзыны тыххæй стыр цæттæгæнæн куыст ацыд. Дæс боны дæргъы конкурсанттæ æвдисдзысты сæ арæхстдзинад. Конкурс арæзт у дыууæ турæй. Фыццаг туры фæуды финалмæ хъуамæ рахизой фондзæй, ауадздзысты мастер-класстæ. Конкурсы кæрон ауадздзысты фæлварæн пресс-конференци "Педагогмæ фарст". Фæуæлахизуæвæг ралæудзæн Цæгат Ирыстоны номæй Æппæтуæрæсейаг финалы фæззæджы.