Украинæйы Гарзджын тыхты 1,5 мин æфсæддоны цыппар бонмæ райстой цæфтæ

© Sputnik / Валерий МельниковУкраинæйы Гарзджын тыхты техникæ
Украинæйы Гарзджын тыхты техникæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 янв — Sputnik. Æфсæддон эксперт, Луганскаг адæмон республикæйы (ЛАР) дæлбулкъон отставкæйы Андрей Марочко радзырдта, ЛАР бæрндзинады зонæйы 1,5 фæцæфуæвæг украинæйаг æфсæддонæй цалдæр бонмæ фæмард сты 70 процентмæ æввахс, хъусын кæны РИА Новости.
Уый размæ эксперт хъусын кодта, 16-æй 20-æм январмæ ацы зонæйы украинæйаг æфсæдтæ фесæфтой 1,5 мин адæймаджы фæцæфуæвджытæй.
"Украинæйаг медиктæй райсгæй информацимæ гæсгæ, æртæ фæцæфуæвæгæй удæгасæй баззайы æрмæстдæр иу æфсæддон", - радзырдта Марочко.
Афтæмæй, 1,5 мин адæймагæй удæгасæй баззадысты 500-мæ æввахс.
Марочкойы ныхæстæм гæсгæ, пациентты фылдæр хай амардысты, уымæн æмæ сын рæстæгыл медицинон æххуыс нæ бакодтой, афтæ ма туг фесафын, хæлд логистикæ æмæ "æндæр негативон моментты тыххæй".
Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.01.2023
УФ Гарзджын тыхты дæлхайæдтæ бацахстой ахсджиаг позицитæ Хуссар-Донецкаг здæхтыл
Ног хабӕртты лентӕ
0