Ирон фысджытæ. Уырыймæгты Езетхан

Уырыймæгты Езетхан
Рафыссын
Ирон нывæфтыд литературæйы историйы зынгæ бынат æрцахста Уырыймæгты Езетхан куыд прозаик æмæ драматург, публицист æмæ арæхстджын очерктæ фыссæг. Йæ царды рæсугъддæр æмæ бæллиццагдæр бонтæ бахардз кодта литературон куыстыл.
Езетхан райгуырдис 1905 азы 12 декабры Цæгат Ирыстоны Чырыстонхъæуы мæгуыр зæхкусæг бинонты хæдзары. Йæ фыд Алимырзæ мæгуыр, æнæзæхх, цыбыркъух лæг уыд, бинонтæ бирæ, сылрæз хæдзарвæндаг уыдысты. Езетхан - æвдæм чызг, уый ма куы райгуырд, фыд зæрдæдзурæнты уæд фæцис. Ничи бацин кодта Езетханы райгуырдыл.
Алимырзæ уыдис æнæахуыргонд зæхкусæг лæг, фæлæ хæларзæрдæ, зондджын адæймаг. Ирон адæмы хъæздыг сфæлдыстад хорз чи зыдта, æмæ сын сæ дзурынмæ иттæг аив чи рæхст, ахæм лæг. Йæ бирæ сывæллæтты зымæгон даргъ æхсæвты ирхæфста ирон аргъæуттæ æмæ таурæгътæй, нарты диссаджы кадджытæй. Æмæ дызæрдыггаг нæу, уыдæттæ Езетханæн егъау æххуыс кæй фесты йæ сомбоны литературон куыстæн.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0