Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

29. ЦÆРГÆСБАДÆНЫ ЗЫМÆГОН ИЗÆРТÆ

29. ЦÆРГÆСБАДÆНЫ ЗЫМÆГОН ИЗÆРТÆ
Рафыссын
Æгæр къуындæг æмæ кадавар сты хъæубæстæн зымæдæы бонты сæ авналæнтæ, хъæуæй æддæмæ ацæуæнтæ нал вæййы æмæ цæмæй цыбырдæр кæной сæ даргъ æмæ иугъæдон æнкъард бонтæ, ма сæ абырса æрхæндæг, гъе, æнтъыснæг, уый тыххæй фыдæй фыртмæ фæцайдагъ сты зымæдæы бонты иумæ сæ рæстæг æрвитыныл. Сылгоймæгтæ сæ хæдзарон митæй сæрибар рæстæдæыты æрæмбырд вæййынц куы иу, куы иннæ хæдзармæ. Семæ æрхæссынц сæ кусинæгтæ, æмæ чи къуымбилтæ фелвисы, чи тæбынæй цъындатæ кæнæ хъарм хæдæттæ фæбийы. Гъе та кæрæдзийæн феххуыс кæнынц тынтæ уафын, нымæт æууæрдын, æмæ æндæр ахæм куыстыты. Сылгоймæгты ’хсæнмæ нæлгоймæгтæ нæ фæцæуынц, уый æгъдау нæ амоны, сылгоймæгтæй дзырдарæхстдæр æмæ къæйныхдæртæ хатт ахæм ныхæстæ фæкæнынц æмæ нæлгоймæггæн сæ фехъусын айв нæ вæййы. Ахæм зиуты та æнæ цæхдæын ныхæстæ хатт фидаугæ дæр нæ фæкæны.
Æниу нæлгоймæгтæ сæхæдæг дæр къаддæр цыргъ æмæ цæхдæын ныхæстæ нæ фæкæнынц. Хуыцау бахизæд, сылгоймæгты цур уыдон дæр се ’взæгты бастæн парахатæй сыхæлыны бар раттой.
Æмæ та мæнæ ныр дæр ацы зымæгон уаргæ боны нæлгоймæгтæ æрæмбырд сты Габотæм. Сæ хъæлдзæг ныхæстæм, сæ хындæылæгмæ та бахæццæ сты, сæрды Цæгаты кусынмæ куы вæййынц, уæд уым цы фехъусынц, кæнæ сæхиуыл чи æрцыд, гъе та сæхæдæг кæй æрымысынц, ахæм хъæлдзæг ныхæстæ.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0