Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

30. ДЗАНГ ЦÆУЫ ЦÆГАТ ИРЫСТОНМÆ

30. ДЗАНГ ЦÆУЫ ЦÆГАТ ИРЫСТОНМÆ
Рафыссын
Сæрдыгон хуры тынтæ райсомы къæвдайы фæстæ æрæндæвтой æмæ æфцдæыты фæрстæ, ногæхсад цъæх-цъæхид гауызтау, сæрдтывтой.
Зымæджы Тызмæг хохæй миты зæйтæ æрцæуы, сæмхуызон кæны, æфцæджы фарсыл айнæг къæдзæхы ’хсæн бынæй цы тæссаг мæнг бынæттæ ис, уыдон æмæ сæрды хур тынг куы æрæндавы, уæд цъити стæнæг, схырыз вæййы. Фыстæ тæвд боны уынгæг кæнынц æмæ сæхи феппарынц цъитимæ. Цъити тæнæг рæтты, мæнг бынæтгы сæрмæ ныттоны æмæ фос аирвæзынц арф сæрсæфæн их ингæны. Бирæ фыдбылызтæ æрхаста рагæй фæстæмæ уыцы цъити Цæргæсбадæны фыййæуттæн. Уый тыххæй йæм хъæубæстæ сæ фос æмгæрæтты нæ фæуадзынц. Дзанг ауалдзæджы хорхæссынмæ куы цыди, уæд йæ фыццаг фæдзæхст Агуындæйæн уый уыди: "Цъитимæ дын фыстæ макуы баирвæзæд". Уый тыххæй Агуындæ йæ чызг Зæринæйы фосы разæй арвыста, йæхæдæг дзуджы сæрвæтыл суагъта, фыстæ зад уымæл кæрдæджы фæпырх сты æмæ мерс кæнынц сойджын кæрдæг.
Ныр дыккаг аз ис Агуындæ йæ чызг Зæринæимæ хъæубæсты фосы фæдыл. Берд ма удæгас куы уыди, уæд Дзангæй йæхицæн фырт загъта, йæ зæххытæ, йæ бынтæ йын ныллæвар кодта. Уымæ гæсгæ ныр, Берд куы амард, уæд уымæн æгъдау раттын æмæ марды кæндтæ иууылдæр Дзанг йæхимæ айста. Æнæуыйдæр цыбыркъух лæг — марды кæндтыл афæдзæй-афæдзмæ йæ хæдзары къуымтæ сафтид сты. Ноджы фæци хæсты бын. Йæ хæстæ бафидынæн та уыд æрмæстдæр иунæг фæрæз. Цæгат Ирыстонмæ хор, гъе, æхца бакусынмæ æрцæуын.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0