Хуссар Иры президент ауагъта æмбырд тыхон министрадтæ æмæ уагдæтты сæргълæуджытимæ

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент ауагъта æмбырд тыхон министрадтæ æмæ уагдæтты сæргълæуджытимæ
Хуссар Иры президент ауагъта æмбырд тыхон министрадтæ æмæ уагдæтты сæргълæуджытимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны цæуынц фæдагуырдон мадзæлттæ экстрадицигонд æмбæстæгтæ Цхуырбаты æмæ Мамытатыйы фæдыл, кæцытæ зæрдæхсайгæ сты республикæйы æмбæстæгты амарыны хъуыддаджы. Уый тыххæй президентимæ уынаффæйы æмбырды фехъусын кодта генпрокуроры хæстæ æххæстгæнæг Битеты Сергей.
"Ныры рæстæджы Генпрокуратурæ уадзы фæдагуырдон мадзæлттæ сæххæстгонд фыдракæнды æппæт уавæртæ базоныны тыххæй", - загъта Битеты Сергей.
Уый бафтыдта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы сэктрадици кæндзысты æмбæстаг Аулохтыйы, кæцыйы зылынджын кæнынц адавыны хъуыддаджы.
Уый йеддæмæ Битеты Сергей радзырдта "Дорэкспострой" битумы аргъ кæй фæфылдæр кодта Инвестицион программæйы объектты реконструкци æмæ аразыны рæстæджы.
Генрокуроры хæстæ æххæстгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, "Водоканал"-ы уголовон хъуыддаджы дæр уагъд цæуы бухгалтерон экспертизæ, уый фæстæ хъуыддаг барвитдзысты тæрхондоны органтæм.
Куысты тыххæй радзырта МХМ сæргълæууæг Гæззаты Валерий дæр.
"Хыгъдон периоды дæргъы республикæйы уавæр уыд стабилон. Регистрацигонд æрцыдысты æртæ фыдракæнды, мидхъуыддæгты органтæ раргом кодтой уыдонæй дыууæ. Алыхуызон фæткхæлдты тыххæй дзуапп æрдомдтой цалдæр адæймагæй, уыдоны ᾿хсæн иу æмбæстаг – æхсæнадон фæткæвæрд халыны тыххæй", - банысан кодта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0