Цæгат Иры сбæрæг кодтой республикæйы фыццагады уæлахиздзауты уæгъдибар хъæбысхæстæй

© PhotoЦæгат Иры сбæрæг кодтой республикæйы фыццагады уæлахиздзауты уæгъдибар хъæбысхæстæй
Цæгат Иры сбæрæг кодтой республикæйы фыццагады уæлахиздзауты уæгъдибар хъæбысхæстæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik. Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодтой республикæйы фыццагады уæлахиздзауты æмæ призерты уæгъдибар хъæбысхæстæй æрыгæтты хсæн. Уый тыххæй хъусын кæны спорты министрады пресс-службæ.
Спортивон мадзæлттæ ацыдысты спорты Галуан "Манеж"-ы. Хайад дзы райстой 21 азы кары онг фæсивæд.
© PhotoЦæгат Иры сбæрæг кодтой республикæйы фыццагады уæлахиздзауты уæгъдибар хъæбысхæстæй
Первенство РСО-Алания по вольной борьбе  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.01.2023
Цæгат Иры сбæрæг кодтой республикæйы фыццагады уæлахиздзауты уæгъдибар хъæбысхæстæй
Чемпионаты уæлахиздзаутæ ссисты Гобозты Тамерлан (57 кг), Бекъойты Давид (61 кг), Цомайты Марат (65 кг), Цгъойты Арсен (70 кг), Гасситы Руслан (74 кг), Джиоты Артур (79 кг), Гагулты Алан (86 кг), Карсанты Хетæг (92 кг), Гаглойты Инал (97 кг) æмæ Чилæхсаты Алан (125 кг).
Турниры хайад истой 150 спортсмены алыгъуызон спортивон скъолатæй. Дыууæбойнон ерысты хатдзæгтæм гæсгæ фондз уæзы категорийы уæлахиздзаутæ бахаудзысты республикæйы командæмæ æмæ хайад райсдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды фыццагады.
© PhotoЦæгат Иры сбæрæг кодтой республикæйы фыццагады уæлахиздзауты уæгъдибар хъæбысхæстæй
Первенство РСО-Алания по вольной борьбе  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.01.2023
Цæгат Иры сбæрæг кодтой республикæйы фыццагады уæлахиздзауты уæгъдибар хъæбысхæстæй
Ног хабӕртты лентӕ
0