Цхинвалы сбæрæг кодтой хуыздæр шахматистты скъоладзауты ‘хсæн

© SputnikЦхинвалы сбæрæг кодтой хуыздæр шахматистты скъоладзауты ‘хсæн
Цхинвалы сбæрæг кодтой хуыздæр шахматистты скъоладзауты ‘хсæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik, Гæбæраты Элина. Цхинвалы фæцис республикæйы командон чемпионат шахматтæй скъоладзауты æхсæн. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ фыццаг бынат бацахста гимнази "Альбион", дыккаг бынатыл та ацыд аивæдты Лицей. Æртыккаг бынат райста дыккæгæм скъола æмæ цыппæрæм бынатыл та ацыдысты дыууадæсæм скъолайы ахуырдзаутæ.
"Номинаци "Иуууыл фæстиуæгджындæр ралæуд чызджыты ‘хсæн" рамбылдта 12-аздзыд Тыбылты Алана гимнази "Альбион"-æй.
© SputnikЦхинвалы сбæрæг кодтой хуыздæр шахматистты скъоладзауты ‘хсæн
В Южной Осетии прошел чемпионат республики по шахматам среди школьников - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.01.2023
Цхинвалы сбæрæг кодтой хуыздæр шахматистты скъоладзауты ‘хсæн
Ерыстæ цыдысты Колыты Аксойы номыл паддзахадон аивæдты Лицейы. Турниры хайад райстой 13 командæйы столицæйы скъолатæй, афтæ ма иу командæ та Дзауы районæй. Чемпионаты хайад истой 12 азы кары онг сывæллæттæ.
Мадзалы организатортæ уыдысты Хуссар Ирыстоны Шахматты Федераци, уæлдæр спортивон дæсныйады скъола æмæ аивæдты Лицей.
© SputnikЦхинвалы сбæрæг кодтой хуыздæр шахматистты скъоладзауты ‘хсæн
В Южной Осетии прошел чемпионат республики по шахматам среди школьников - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.01.2023
Цхинвалы сбæрæг кодтой хуыздæр шахматистты скъоладзауты ‘хсæн
Ног хабӕртты лентӕ
0