Адæмон аргъæуттæ. Асыйаг æмæ кæсгон цуанонтæ. Зджыды рæсугъд. Сохъуыр уæйыг

Асыйаг æмæ кæсгон цуанонтæ. Зджыды рæсугъд. Сохъуыр уæйыг
Рафыссын
Дыууæ цуаноны, асыйаг æмæ кæсгон, æнæнхъæлæджы фембæлдысты иу æрхы. Иу сæ лæууыди æрхæн иуæрдыгæй фарс, иннæ та иннæрдыгæй æмæ кæрæдзи нæ уыдтой. Æрхы, бынæй хызтис иу саг: дыууæ дæр æй ауыдтой æмæ йæ æмыхст фæкодтой. Саг æрхауд, æмæ дыууæйæ дæр базгъордтой йæ цурмæ. Уым хæрхæмбæлд фесты æмæ фæбыцæу сты, саг кæй у, ууыл. Саджы мардмæ æркастысты, æмæ йæ фæрстыл дыууæ цæфы разынд. Уæд æй дыууæйæ ныуæнгтæ кодтой. Саджы сæр хъуамæ уыдаид йæ марæджы, æмæ та дыууæ цуаноны фæбыцæу сты. Стæй сфæнд кодтой: Уæдæ йæ цардæй диссагдæр хабар чи радзура, уый фæуæд саг.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0