Адæмон аргъæуттæ. Охох æмæ мæгуыр лæджы фырт. Арвы айдæны аргъау. Сидзæр лæппуйы аргъау

Охох æмæ мæгуыр лæджы фырт. Арвы айдæны аргъау. Сидзæр лæппуйы аргъау
Рафыссын
Раджыма-раджы цардысты-уыдысты зæронд лæг æмæ зæронд ус. Стонг аз скодта, æмæ хорхъуаг систы, цы хордтиаккой, уый нал уыди. Лæг æмæ ус дæр тæрсын райдыдтой хорхъуагæй. Иу бон зæронд лæг дзуры йе ‘фсинмæ.
- Усай, бавдæл æмæ нæ гоны къуымы цы ссады рыгтæ æрмæрзай, уыдонæй мын фæндаггаг ракæн: æз цæуын балцы, хонын нæ иунæг бындары, - чи зоны, кæд æй исчи бауромид стонг заманы. Хæцæг ыл куы нæ фæуа, уæд æй ауæй кæндзынæн: кæд йæхæдæг дæр аирвæзид, йæ сæр æгасæй баззаид, стæй ма азы кæд мах дæр исты фос фæкæниккам.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0