Гаглойты Алан бавдыста парламентмæ Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæджы бынатмæ кандидатурæ

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бавдыста парламентмæ Джиоты Виталийы кандидатурæ республикæйы Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæджы бынатмæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.
"Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 21-æм пунктмæ гæсгæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны "Тæрхонгæнджыты статусы фæдыл" Законы 8-æм статьяйы 4-æм пунктмæ гæсгæ бавдыстон РХИ парламентмæ Джиоты Виталий Виссарионы фырты кандидатурæ РХИ Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæджы бынатмæ", - дзырдæуы президенты фыстæджы республикæйы парламенты сæрдар Æлборты Аланмæ.
Джиоты Виталий 2020 азæй ныры онг у РХИ Æддагон разысгæрсты службæйы юридикон фарстыты фæдыл офицер-инспектор. Ис йын куысты стаж юридикон профессийы 24 азæй фылдæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0