https://sputnik-ossetia.com/20230124/gagloyty-alan-tfrfs-rakodta-nomdzyd-kompozitor-plity-zhannyy-mlty-fdyl-21096503.html
Гаглойты Алан тæфæрфæс ракодта номдзыд композитор Плиты Жаннæйы мæлæты фæдыл
Гаглойты Алан тæфæрфæс ракодта номдзыд композитор Плиты Жаннæйы мæлæты фæдыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 24 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан банысан кодта, зынгæ ирон композитор Плиты Василы чызг Жаннæйы ацыд ирон культурæйæн кæй у... 24.01.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-01-24T11:36+0300
2023-01-24T11:36+0300
2023-01-24T11:36+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/332/54/3325419_0:123:1485:958_1920x0_80_0_0_21fed6428df6e15117b53d2a473c5ed6.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан банысан кодта, зынгæ ирон композитор Плиты Василы чызг Жаннæйы ацыд ирон культурæйæн кæй у стыр зиан. Уый уыд ирон адæмы музыкалон гений. Йæ аивады баиу сты националон мотивтæ æмæ æппæтдунеон мидис, дзырдæуы Гаглойты Аланы тæфæрфæсы телы, кæцы мыхуыргонд æрцыд президенты сайтылПаддзахады сæргълæууæг бафтыдта, зæгъгæ, Плиты Жаннæ уыд æнæкæрон курдиаты хицау, æппæтудæй йæ цардыхæсæн æнувыд. "Композиторы уацмыстæ мыггагмæ баззайдзысты дунеон музыкалон аивады сыгъзæрин фонды. Плиты Жаннæйы лæггæдтæ егъау æмæ уæзгæ сты ирон адæмы раз. Æмæ йæ рухс ном æнустæм фыст у нæ национ историйы", - фехъусын кодта президент.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/332/54/3325419_23:0:1463:1080_1920x0_80_0_0_47b8764a064940e9964c7b8eace71d40.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
Гаглойты Алан тæфæрфæс ракодта номдзыд композитор Плиты Жаннæйы мæлæты фæдыл
ЦХИНВАЛ, 24 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан банысан кодта, зынгæ ирон композитор Плиты Василы чызг Жаннæйы ацыд ирон культурæйæн кæй у стыр зиан. Уый уыд ирон адæмы музыкалон гений. Йæ аивады баиу сты националон мотивтæ æмæ æппæтдунеон мидис, дзырдæуы Гаглойты Аланы тæфæрфæсы телы, кæцы мыхуыргонд æрцыд президенты сайтыл
"Ахæм æнахуыр, курдиатджын адæймæгты цард арæх æмиу вæййы стыр зындзинæдтимæ, адæм сæ нæ фембарынц, уымæн æмæ уыдон сæ дуджы разæй цæуынц, рагон фæлгæттæй хизынц. Хъыгагæн нын алы хатт нæ фæвæййы фадат, цæмæй сын æмбæлон кад скæнæм сæ удæгасæй, æмбæлон хъарм хъусдардæй сæ схайджын кæнæм. Уый тыххæй сæ хатыр курæм" - дзырдæуы тæфæрфæсы телы.
Паддзахады сæргълæууæг бафтыдта, зæгъгæ, Плиты Жаннæ уыд æнæкæрон курдиаты хицау, æппæтудæй йæ цардыхæсæн æнувыд.
"Композиторы уацмыстæ мыггагмæ баззайдзысты дунеон музыкалон аивады сыгъзæрин фонды. Плиты Жаннæйы лæггæдтæ егъау æмæ уæзгæ сты ирон адæмы раз. Æмæ йæ рухс ном æнустæм фыст у нæ национ историйы", - фехъусын кодта президент.