Хуссар Иры ПТК комментарий радтой автомобилон æрбаласты фæдыл ивындзинæдты тыххæй

© SputnikХуссар Иры ПТК комментарий радтой автомобилон УФ арæнтæй æрбаласты фæдыл фæткæвæрдмæ ивындзинæдты тыххæй
Хуссар Иры ПТК комментарий радтой автомобилон УФ арæнтæй æрбаласты фæдыл фæткæвæрдмæ ивындзинæдты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 янв – Sputnik, Козаты Диана. УФ Думæйы æнхъарынц уæрæсейаг арæнтæй цы хæдтулгæтæ хизынц, уыдоны змæлды фæткæвæрдмæ бахæссын ивындзинæдтæ. Зæгъæм, хæдтулгæты хицæуттæн развæлгъау æрфидар кæнын ацыды бон æмæ рæстæг.
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон таможнæйы комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурат банысан кодта, ацы хъуыддаг арæзт у æнцондæрæй арæнтæй ахизынæн, иу ацæуæн хахх ма дзы куы уа уадзæн пункты.
"Гæнæн ис раздæр рæстæг сфидар кæнай, цæмæй рады ма лæууай", - банысан кодта Цыхуырбаты Мурат.
Ног фæткæвæрдæн ис уынаффæйы характер æмæ нырма нæ кусдзысты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ᾿хсæн арæнæвæрдон ахастыл.
"Ацы фæтктæ тыхы бацæудзысты æрмæстдæр пост "Дæллаг Зæрæмæг"-ы реконструкцийы фæстæ", - бафтыдта ПТК сæгълæууæг.
Раздæр Цыхуырбаты Мурат фехъусын кодта, бирæварсон автомобилон уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæг"-ы реконструкци Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны арæнты ᾿хсæн райдайдзæн 2023 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0