Адæмон аргъæуттæ. Æнæрайгуыргæ чызджы аргъау

Æнæрайгуыргæ чызджы аргъау
Рафыссын
Царди æмæ уыди лæг æмæ ус. Лæг уыдис Мæликк. Уыдис сын иунæг лæппу. Ус æмæ лæг амардысты, æмæ баззадис сæ фырт сидзæрæй. Хъомыл кодта цъусгай. Уыдонæн уыдис суадон. Ацы суадонæй-иу хастой хъæубæстæ дæр, æмæ иу хатт куы уыди, уæд сæ хъæуккаг къулбадæг усы чызг донмæ рарасти, йæ дæс æнгуылдзыл бакодта дæс къокъайы, афтæмæй.
Афтæмæй йын мæличчы фырт йæ дурынтæ бамур кодта æрдын фатæй. Уыцы æрдынфаттæ та уыдысты йæ фыды æмæ йæ амæлæты фæстæ баззадысты йæ фыртæн, æмæ-иу сæ хъазыди.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0