Дзæуджыхъæуы цæрджытæ сараздзысты горæты мастер-пълан

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæДзæуджыхъæуы цæрджытæ сараздзысты горæты мастер-пълан
Дзæуджыхъæуы цæрджытæ сараздзысты горæты мастер-пълан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik. Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы хæдуынаффæйы 2 февралы ацæудзæн сесси горæты мастер-пълан саразыны арæнæвæрды.
Куыд хъусын кæны БАХ пресс-службæ, ДОМ.РФ эксперттæ сæмбæлдзысты горæты цæрджытимæ æмæ профессионалон æмбаладтимæ, цæмæй æрныхас кæной Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты стратегион документы тыххæй.
"Фембæлды рæстæджы, кæцы райдайдзæн 16.00 Штыбайы фæзуаты, 2, алкæцы активон æмбæстагæн йæ бон суыдзæн йæ позици зæгъын æмæ радзурын Дзæуджыхъæу райрæзыны уынаффæтæ".
Организатортæ æрсидтысты адæммæ спайда кæнын уникалон фадатæй – сиу кæнын тыхтæ æмæ бæллиццаг горæт саразын.
Ног хабӕртты лентӕ
0