Гаглойты Алан радта барамынд газ æмæ электроэнергийы тарифты тыххæй

© Sputnik / Natalia AiriyanГаглойты Алан радта барамынд газ æмæ электроэнергийы тарифты тыххæй
Гаглойты Алан радта барамынд газ æмæ электроэнергийы тарифты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны экономикæйы министр Тадтаты Дзамболат фехъусын кодта 2023 азы 1 январæй УФ ресурсон-ифтонгадон организацитæ схæцыдысты газ æмæ электроэнергийы аргъыл, уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæг у тарифон комиссимæ æрсидын.
Тадтаты Дзамболат банысан кодта газы кубометрыл аргъ сзытис 0,41 капекк, электроэнерги фæзынаргъ ис 0,30 капеккыл.
Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, ныр у зымæгон период, иууылдæр хъарм кæнынц сæ хæдзæрттæ, æмæ барамынд радта, ацы фарстамæ æркæсын азы дыккаг кварталы.
"Цæрджытæн мах тариф бахъахъхъæндзыстæм, организациты тыххæй ма ахъуыды кæндзыстæм", - загъта Гаглойты Алан.
Экономикæйы министр банысан кодта, æргътæ бауромыны тыххæй кæй бахъæудзæн ноджы цыппор милуан соммæ æввахс иу азы дæргъы: газæн – 24, 9 млн сомы, рухсæн – 15, 8 млн сомы.
Ног хабӕртты лентӕ
0