Уырыссаг хæдзар Цхинвалы радта ХИПУ-æн ахуырадон литературæ

© SputnikРусский дом Цхинвалы радта ХИПУ ахуырадон литературæ
Русский дом Цхинвалы радта ХИПУ ахуырадон литературæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 янв – Sputnik. Россотрудничествое минæварад радтой Тыбылты А. номыл Хуссар Ирыстоны университетæн авд минмæ æввахс ахуырадон литературæйы. "Русский дом"-ы фембæлды рæстæджы уыдысты ХИПУ библиотекæйы фонды сæргълæууæг Цыхуырбаты Фатима æмæ зонадон куысты фæдыл проректор Гаглойты Лана.
Россотрудничествойы сæргълæууæг Цхивалы Сергей Сворцов банысан кодта, акци ахъаз кæй фæуыдзæн уырыссаг æвзаджы райрæзтæн Хуссар Ирыстоны.
"Фыццаджыдæр мæ фæнды раарфæ кæнын ХИПУ кусджытæн се ᾿ппæтæн дæр, педагогтæ æмæ къухдариуæгадæн, афтæ ма, кæй зæгъын æй хъæуы, студенттæн Татьянæйы боны фæдыл. Тынг æхсызгон мын у, растдæр абон, мах ахуырад райрæзыны Уæрæсейаг программæйы арæнæвæрды дæттæм ХИПУ ахуырадон литературæ, сæ нымæц авд минмæ æввахс. Уый ахъаз фæуыдзæн хуыздæр куыст кæнын уырыссаг æвзаджы фæдыл Хуссар Ирыстоны", - загъта Скворцов.
Афтæ ма фембæлды æрныхас кодтой студентты дарддæры ахуырыл уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндонты аспирантурæ æмæ докторантурæйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0