https://sputnik-ossetia.com/20230125/tsgat-irystony-plitsygt-baurdtoy-narkotikon-buarad-parakhatgng-binonty-21123099.html
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ баурæдтой наркотикон буарад парахатгæнæг бинонты
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ баурæдтой наркотикон буарад парахатгæнæг бинонты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 25 янв – Sputnik. Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнджытæ баурæдтой бинонты къай, кæцытæн сæ фæнд уыди республикæйыл апарахат кæнын синтетикон наркотикон... 25.01.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-01-25T13:20+0300
2023-01-25T13:20+0300
2023-01-25T13:20+0300
цӕгат ирыстон
фыдракӕндтӕ
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/01/19/21118299_0:75:800:525_1920x0_80_0_0_cc234ec5fc5eed8122401079ed6ff8b5.jpg
ЦХИНВАЛ, 25 янв – Sputnik. Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнджытæ баурæдтой бинонты къай, кæцытæн сæ фæнд уыди республикæйыл апарахат кæнын синтетикон наркотикон буарад. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.Фыдгæнджытæй байстой наркотикон буарад "метадон", 60 иухаттон дозæйы фаг.Тобæгон æрвыстагмæ бинонтæ араст сты сыхагон регионмæ. Пъæлицæйæгтæ баурæдтой нæлгоймаджы – 30-аздзыд Дзæуджыхъæуы цæрæг, раздæр уыд тæрхонгонд наркотикты æнæзакъонон зерзылды тыххæй. Зæрдæмæхсайгæ хъуамæ сарæзтаид сусæг æвæрæнтæ.Фатеры басгæрсты фæстиуæгæн зæрдæхсайгæтæм ссардтой æмæ байстой тыхтон метадонимæ, кæцы, куыд радзырдта 43-аздзыд хæдзары ᾿фсин, хъуамæ иумæ ауæй кодтаиккой йе ᾿мкъайимæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/01/19/21118299_0:0:800:600_1920x0_80_0_0_9098d93bdbcb58e41ba054dc20b6043b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, фыдракӕндтӕ, ног хабӕрттӕ
цӕгат ирыстон, фыдракӕндтӕ, ног хабӕрттӕ
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ баурæдтой наркотикон буарад парахатгæнæг бинонты
ЦХИНВАЛ, 25 янв – Sputnik. Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнджытæ баурæдтой бинонты къай, кæцытæн сæ фæнд уыди республикæйыл апарахат кæнын синтетикон наркотикон буарад. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Фыдгæнджытæй байстой наркотикон буарад "метадон", 60 иухаттон дозæйы фаг.
Тобæгон æрвыстагмæ бинонтæ араст сты сыхагон регионмæ. Пъæлицæйæгтæ баурæдтой нæлгоймаджы – 30-аздзыд Дзæуджыхъæуы цæрæг, раздæр уыд тæрхонгонд наркотикты æнæзакъонон зерзылды тыххæй. Зæрдæмæхсайгæ хъуамæ сарæзтаид сусæг æвæрæнтæ.
"Сæрмагонд басгæрсты рæстæджы ссардæуыд æмæ райстæуыд авд тыхтоны, уыдоны мидæг, экспертизæмæ гæсгæ, уыдис синтетикон наркотикон буарад "метадон". Ноджыдæр ма цыппар тыхтоны аналогион наркотикимæ пъæлицæ райста сусæг æвæрæнæй, кæцы ахст нæлгоймагæн бантыст бамбæхсын Дзæуджыхъæуы уынгтæй иуыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Фатеры басгæрсты фæстиуæгæн зæрдæхсайгæтæм ссардтой æмæ байстой тыхтон метадонимæ, кæцы, куыд радзырдта 43-аздзыд хæдзары ᾿фсин, хъуамæ иумæ ауæй кодтаиккой йе ᾿мкъайимæ.