Хуссар Иры дзæвгар фæфылдæр сты газы службæмæ цæрджыты æрсидтытæ

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры дзæвгар фæфылдæр сты газы службæмæ цæрджыты æрсидтытæ
Хуссар Иры дзæвгар фæфылдæр сты газы службæмæ цæрджыты æрсидтытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны газы службæтæм фæстаг рæстæджы æрбацæуы фылдæр æрсидтытæ республикæйы цæрджытæй, цæрæг хæдзæртты зынгсивæрзтытæ кæй сарæх сты, уый тыххæй, фехъусын кодта газифтонгады службæйы сæргълæууæг Табуты Нугзар.

"Раздæр кæд æмæ 2-3 æрсидты йеддæмæ нæ истам, уæд ныр сæ бæрц фæфылдæр ис 30-40 онг, кæддæрты 70 онг дæр схизы. Микрорайон Шанхайы цы цау æрцыд, уый фæстæ адæм старстысты æмæ арæхдæр дзурынц. Бригадæ æрхæццæ вæййы бынатмæ фондз минутмæ", - загъта уый.

Табуты Нугзар банысан кодта, газ ахъарыны аххоссаг гæнæн ис æмæ уа ифтонгад æмбæлон уагыл куы нæ уа арæзт æмæ дзы куы нæ пайда кæной раст. Уый йеддæмæ сæрмагонд адæммæ дзурын газифтонгад сæвæрыны тыххæй æркæны æдасдзинады техникæйы фæткхæлдмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0