ПТРК "ИР" рауагъта ног проект "Дзырд"

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæПТРК "ИР" рауагъта ног проект "Дзырд"
ПТРК ИР рауагъта ног проект Дзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik, Козаты Диана. Паддзахадон телерадиокомпани "Ир" бакодта кастинг поэзи æмæ прозæйы ног проект – конкурс "Дзырд"-мæ.
Проекты хайад райсынæн куырдиæттæ райдыдтой исын 11 январы. Кастингы фыццаг этап ацыд ацы къуыри. Сæ тыхтæ бавзарынмæ æрцыдысты æвзонг хайадисджытæ æппæт Хуссар Ирыстонæй. Кастингы æдæппæт хайад райсыны фадат уыдзæн дыууæ сæдæмæ æввахс сывæллонæн, фæлæ проектмæ равзардзысты æрмæстдæр 36 хайадисæджы.
"Кастингы хайадисджытæ кæсынц цыфæнды уацмыс дæр прозæ кæнæ поэзийы жанры. Иууыл курдиатджындæр сывæллæтты равзардзысты конкурсы дарддæры хайадистæн", - радзырдта Sputnik ПТРК "Ир" сæйраг редактор Козаты Дзерассæ.
Проекты автортæ сты Бестауты Юлия æмæ Мамиты Гри. Æвзонг хайадисджытæн аргъ кæндзысты жюри, кæцыйы сконды сты телеамонæг Хуриты Батрадз æмæ ПТРК "Ир"-ы уацхæссæг Джиоты Оксана.
Телеуынынадон проект райдайдзæн февралы æмæ адарддæр уыдзæн æртæ мæймæ. Адæмæн фадат уыдзæн кæсынц алæвæрдмæ æрвыл хуыцаубон.
Уæлахиздзауты фехъусын кæндзысты Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон – 15 майы.
Ног хабӕртты лентӕ
0